76.44K
Категория: БиографииБиографии

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!

1.

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!
Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй.
Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй
Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

2.

Иры фæсивæд, бæрзонддæр сисæм,
кæддæр адæмы сæрыл йæхи чи хаста,
адæмы сæрвæлтау йæхимæ зындзинæдтæ
æмæ стыр маст чи иста, адæмы
сæрибардзинадыл, йе взаджы
стыхджыныл кусгæйæ йæ царды бонтæ
чи скуынæг кодта æмæ афтæмæй
æнафоны йе мгæрттæй чи фæхъуыд,
уыцы номдзыд поэт, Иры бæрзонд стъалы
Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ ном.
Цæстыгагуыйау бахъахъхъæнæм не стыр
хæзна – не взаг!

3.

Нæхи куы нæ
уарзæм,не взаг
куы нæ зонæм,
уæд ныл
фыдгултæ дæр
тых кæндзысты.

4.

Æрæджы чиныджы бакастæн,
дунейы кæй уыди авд мин
æвзаджы бæрц. Уый бæрц
æвзæгтæй абон цыппар мины
бæрцыл нал дзурынц,
фесæфтысты. Стыр тас бацыд
мæ зæрдæйы. Кæддæр, Хуыцау
бахизæд, не взаджы кæрон
дæр сæфтмæ куы рцæуа.

5.

Бæллын, цæмæй
ирон аив ныхас
хъуыса хæдзары,
горæты уынгты,
автобусы,
дуканийы…

6.

Мадæлон æвзаг , дам,
мады ад кæны, æмæ
йыл чи нæ дзуры,
уый йæхи дæр, йæ
мады дæр ницæуыл
нымайы, нæ аргъ
кæны.

7.

Бæлас амæлы, йæ
уидæгтæй йын зæххæй куы
стонай, уæд. Æвзаг амæлы,
йæ уидæгтæ йын бинонты
хсæн куы сыскъуынай, уæд.
Уымæ гæсгæ, ирон лæг, де
взаг хъахъхъæн дæ
бинонты æхсæн.

8.

Алкæмæн дæр
бантысæд зонын иу
цалдæр æвзаджы,
фæлæ фыццаг зон
дæхи мадæлон
æвзаг, дæхи ирон
æвзаг.

9.

Кæстæры куывдæн
чъирийаг ирон
куырой æрыссæд,
Ирон кæртæй ирон
ныхас, æхсæры
къæрццау хъуысæд!

10.

Сидзæр уæрыччы мадæл сæгъы
фæдæгыл куы схъомыл кæнай,
уæддæр сæгъы мехъхъ никæд
скæндзæн, кæнæ къуырттон
карк бабызы æйчытæй
лæппынтæ рауадзы, схъомыл
сæ кæны, фæлæ дзы иу дæр
карчы хъуыдатт никæд
ныккæны,уæд мах, ирон адæмы
цы хæйрæг ралгъыста?
English     Русский Правила