186.49K
Категория: ЛингвистикаЛингвистика

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд

1.

Урочы темæ:
…Æмбалы хорзæх
алкæй дæр уæд…
(Мамсыраты Дæбейы
уацау «Æрдхорд»-мæ
гæсгæ).

2.

Урочы нысан:
Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у
æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.
Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын
скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл,
хибарæй кусыныл.
Ныхасы рæзтыл бакусын.

3.

Урочы эпиграф:
…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,
Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…
Чеджемты Æхсар

4.

Дзырдуатон куыст
Æрдхорд – ард хæрынæй. Ард у ирайнаг дзырд
арта-йæ.
Мæнгард – клятвопреступник, бесчестный. Йæ
ардбахæрд чи фехæлдта.

5.

Фыццаг къорды æмбисæндтæ:
Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.
Æрдхæрдтæм паддзах дæр нæ уæнды.
Ардбахæрдæн фæсайæн нæй.
Хорз æрдхорд æфсымæрæй уæлдай нæу

6.

Дыккаг къорды æмбисæндтæ:
Мæнгард лæгæй дардмæ лидз.
Ардфæсайæг Хуыцауæй æлгъыст у.
Лæг хъуамæ йæ ныхасæн хицау уа.

7.

Рефлекси
1-аг скъоладзау.
Ацы урок мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд, æз бамбæрстон,
æцæг æмбал цавæр хъуамæ уа, уый.
2-аг скъоладзау.
Æз та мæхицæн Викторы хуызæн æрдхорд агурдзынæн.
3-аг скъоладзау.
Æз та архайдзынæн,цæмæй мæхæдæг уон Викторы хуызæн
æцæг æмбал искæмæн.
English     Русский Правила